28 сентябрæй, Кутаисы æхсæнадæмон аэропортæй авиакомпани «Визеар» Краковы æрдæм комкоммæ регулярон рейстæ сног кæндзæн.
Краков-Кутаис-Краковы уæлдæфон хаххыл тахтытæ къуырийы мидæг дыууæ хатты сыххæст уыдзæн, æрмæст бæстæйы уæвæг эпидемиологион уавæрмæ гæсгæйæ, арæхад этапгай райрæздзæнис.
Краков Польшæйы асæй фæндзæм горæт у, кæцы ранмæ дæр 28 сентябрæй атæхын Кутаисы æхсæнадæмон аэропортæй уыдзæн гæнæн. Ацы этапыл Кутаисæй комкоммæ рейстæ æххæст цæуынц Варшавæйы, Гданскы, Вроцлавы æмæ Катовицейы æрдæмадтæй.