Куадзæнон  литурги  Тбилисы  аргъуанты  [фото]
Куадзæнон литурги Тбилисы аргъуанты [фото]

Гуырдзыстоны Рæстдинон Аргъуан  бæрæгбон кæны  Куадзæны Рухс  бæрæгбон.

Куадзæнон  литурги  цалдæр сахат аххæссыд  Æппæты  Сыгъдæг  Самебайы  кафедралон  аргъуаны, цы ран  Куадзын æрлæудмæ, æрымбырдуæвæг  адæмæн  традиционæй   Патриархы  эпистолæ  бакастысты.

Æппæт Гуырдзыстонæн  æмæ   Дунейæн,  Куадзæны бæрæгбон    Самебайы Кафедралон аргъуанæй   раарфæ  кодта  Каталикос-Патриарх, Илья Дыккаг.

Самебайы  кафедралон   аргъуаны  Тбилисы  мэримæ, хицауады  æмæ паарламенты уæнгтимæ иумæ  уыд   Гуырдзыстоны  премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили.

Куадзæнон  хуыцаумæскуыывд  ацыд Тбилисы  æмæ   регионаты аргъуанты.

Уæлвæткы хуызæй,   Куадзæнон   литургийы  тыххæй,   змæлдыл  тобæ, æрмæст иу æхсæвæй, фыццаг майы   23:00  сахатæй,   2 майы  04:00  сахатмæ  архайдта.