Гуырдзыстоны рæстдинон аргъуан бæрæгбон кæны Куадзæны Рухс бæрæгбон - [фото-видео]
Гуырдзыстоны рæстдинон аргъуан бæрæгбон кæны Куадзæны Рухс бæрæгбон.
Куадзæнмæ гæсгæ Гуырдзыстоны архайæг алы рæстдинон аргъуаны ацыд æхсæвбойнон Хуыцаумæ скуывд.
Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккаг Куадзæнон литурги сæххæст кодта æппæтысыгъдæг Самебайы кафекдралон аргъуаны.
Аргъуаны бакастысты Патриархы Куадзæнон эпистолæ, цæй фæстæ дæр æхсæвбойнон Хуыцаумæскуывд сæххæст.
Самебайы кафедралон аргъуаны Куадзæнон литургийыл хциуады уæнгтимæ иумæ уыдис бæстæйы перемькер-министр Гиорги Квирикашвили дæр. Куадзæнон литургийыл Самебайы кафедралон аргъуаны зæкъондæттæг хицауады, афтæдæр дипломативон корпусы минæвæрттæ æмæ сæйраг сахары мэр Каха Каладзе уыдысты.
Йесо Чырыстийы Райгас у сеппæттæй стырдæр Чырыстонон бæрæбонтæй. Ацы бон Чырыстонтæ нысан кæнынц хорздзинады фӕуæлахиз æвзæрдзинадыл. Чырыстийы райгасы бонæй балхынцъ вæййы Стыр Комдарæн, кæцы аххæссы 49 боны. Куадзæны фынджы сæйраг атрибутыл нымад цæуынц рæсугъд ахуырст рæвдуæттæ æмæ адджын гуылтæ. Адӕм кæрæдзийæн раарфæ кæнынц Чырыстийы райгасы фæдыл.
Евангелимæ гæсгæйæ, Йесо Чырысти йæхи снывонд кодта адæймагады сæ тæригъæдтæй фервæзын кæнынæн. Дзуарыл æфтыдæй æртыккæгæм бон сæххæст ис йæ рагуац: «Æртыккæгæм бон Райгас уыдзынæн». Хуыцаубон, боныцъæхыл, зæппадзы хъахъхъæнджытæ рахатыдысты куыд басхуыстис зæхх. Стæй та ауыдтой зæд, кæцы зæппадзы бацæуæн æхкæнæг дур аиуварс кодта. Æппæты фæстаг та федтой куыд райгас Чырысти. Чырыстийы райгасæй адæймæгтæн дзæнæты дуар байгом ис.
Къамтæ айста – Ираклий Геденидзе