Гуырдзыстоны рæстдинон аргъуаны рауæрæхгонд совет, кæцыйыл æвзæрст æрцæудзæн ног Патриарх, 11-æм майы Сыгъдæг Æртæиууон кафедралон аргъуаны сырæздзæн
Гуырдзыстоны рæстдинон аргъуаны рауæрæхгонд совет, кæцыйыл æвзæрст æрцæудзæн ног Патриарх, 11-æм майы Сыгъдæг Æртæиууон кафедралон аргъуаны сырæздзæн

Гуырдзыстоны рæстдинон аргъуан 2026 азы 11 майы 13:00 сахатыл рауæрæхгонд аргъуаны совет ауадздзæн.

Уый фæдыл Гуырдзыстоны патриархийы æхсæнадимæ бастдзинады куысты хъусын кæны.

Патриархийы информацимæ гæсгæ, рауæрæхгонд совет сырæздзæн Сыгъдæг Æртæиуоны кафедралон аргъуаны.

Патриархийы сбæлвырд кодтой, цæмæй советмæ баст организацион æмæ техникон детæлттæ фæстæдæр фехъусын кæндзысты.

Зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 28-æм апрелы Патриархийы Сыгъдæг Синоды рабадтыл патриархалон паддзахбадæнмæ æртæ кандидаты æвзæрстой.

Кандидаттæ сты:

  • Шио (Муджири) – Патриархалон паддзахбадæны бынаты;
  • Иов (Акиашвили);
  • Григол (Бербичъашвили).

Патриархалон паддзахбадæны бынаты, Шио, райста 20 хъæлæсы, иннæ дыууæ кандидатæй та алчидæр райста 7 хъæлæсы. Æртæ епископы, кæцытæ Синоды рабадтыл сеппæтæй фылдæр хъæлæстæ райсдзысты, уæрæхгонд советы хъæлæсæппæрсты хайад райсдзысты куыд патриархалон паддзахбадæны кандидаттæ.

Кæд æмæ хъæлæсты æрдæгæй фылдæр иу кандидат дæр нæ райсдзæн, уæд уагъд æрцæудзæн хъæлæсæппæрсты дыккаг тур, хайад райсдзысты уыцы дыууæ кандидат, кæцытæ фыццаг туры сеппæтæй фылдæр хъæлæстæ райстой.

Католикос-Патриархы равзарыны тыххæй хъæлæсæппæрсты архайынц æрмæстдæр епископтæ. Кандидат, кæцы советы хайадисæг епископты хъæлæсты æрдæгæй фылдæр райсдзæн Æппæт Гуырдзыстоны æвзæрст Каталикос-Патриархыл.

Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархы равзæрсты фæтк бæлвырдгонд цæуы Гуырдзыстоны аргъуаны хицауиуæгады фæдыл уагæвæрдæй, кæцы райст æрцыд Гуырдзыстоны аргъуаны 13-æм рауæрæхгонд советыл, кæцы 1995 азы 18-19 сентябры уагъд æрцыд Светицховелийы.