Крменечугы базарадон центрыл ракетон хафты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 18-ы онг сырæзт
Украинайы Полтавайы зылды, Кременчугы базарадон центрыл уырыссаг тыхты ракетон хафты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 18-мæ схызт. Информаци хъусын кæны украианг медиа.
Фæцæф сты 59 адæймаг, уыдонæй 25 госпитализацигонд сты. Бæрæггæнæнтæ Полтавайы зылды æфсæддон администрацийы къухдариуæггæнæг, Дмитрий Лунин æмæ уæлвæтк уавæрты паддзахадон куыст хъусын кæнынц.
Дыууæ ракетон хафт Кременчугы базарадон центрыл, уырыссаг æфсæддæттæ 27 июны сыххæст кодтой. Украинайы президент Володимир Зеленскийы фидиуæнæй, зæгъгæ уæлдæфон фæдисы рæстæджы центры уæвæг æмбæстæгты фылдæр хайæн бантысти бæстыхайæ рацæуын.