Ереваны  базарадон центры стынды фæстиуæгæн  цæфты нымæц  34-мæ ахæццæ
Ереваны базарадон центры стынды фæстиуæгæн цæфты нымæц 34-мæ ахæццæ

Ереваны базарадон центры   стынды фæстиуæгæн  цæфты нымæц  43-мæ схызт.  Сæ нымæцы  ис  фондз аздзыд  чызг, кæцыйы  фæхæццæ  кодтой реанимацион хайадмæ.  Йæ цардмæ  тас не æртхъирæн кæны.

Официалонæй  ацы  этапыл бæлвырд у  иу адæймагы  мæлæт. Уый у  45 аздзыд нæлгоймаг.

Стынд æрцыд  Сомихыстоны сæйраг горæты  базарадон центр «Сурмалуйы».  Развæлгъау информацийæ, стынд  æрцыд  пиротехникæйы  æвæрæны.  Фæстиуæгæн   фæзындис сыгъд, кæцы  æввахс лæууæг бæстыхæйттыл дæр бафтыд. Сыгъд ахуыссын кæнын  зынвæдисонтæ ацы афонмæ архайынц.