Европаг Советы президент Шарль Мишелы сæрмагонд минæвар Кристиан Даниелсон, Тбилисы аэропорты журналисттимæ ныхасы рæстæджы банысан кодта, оома уый Гуырдзыстоны æртæ бонæй кæй æрцыд уый.
«Тынг цин мын у Гуырдзыстонмæ æрыздæхт. Нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсын политикон партиты лидертмæ процессмæ баиумæ, оппозицион æмæ хицауадон партитимæ, баххуыс сын кæнон, цæмæй бафидауой ацы бæстæйы политикон кризис кæрон скæнынæн.
Ныр компормиссты афон у æмæ компромисс – æдыхдзинады миниуæг нæу. Компромисс у тыхджын кæй дæ уый амонæг. Компромиссы фæрцы уыдзæн бæрæг у равдыст ома Гуырдзыстоны демократи кусы æмæ копромисс та у европаг фæндаг. Ам арвитдзынæн æртæ боны æмæ нæбыхсгæйæ æнхъæломæ кæсын уыцы фадатмæ, мæ миссийы кæрон та ногæй ралæууон уæ разы, уый та дыццæджы уыдзæн» – райхъусын кодта Даниелсон.
Кристиан Даниелсон хицауады æмæ оппозицийы минæвæрттимæ фембæлдтæ 29 мартæй райдайдзæн.
Даниелсон Гуырдзыстонæй ацыд 19 марты. Йæ ацыды размæ лæвæрд пресс-конференцийыл Кристиан Даниелсон ныфс равдыста, цæмæй партитæм уыдзæн компромиссы фæндон, кæцы дæтты фæстиуæгмæ æрцæуыны фадат.