Косовойы сербаг политикы амардтой. Парти «Мæрибардзинад, Демократи, Рæсдзинад»-ы лидеры Оливер Ивановичы партийы офисы цур амардтой.
Адвокатты ныхæстæм гæсгæ, политикыл сæмбæлд нæмыг, уыйы рынчындонмæфæхæццæ кодтой, фæлæ дохтыртæ уый фервæзын кæнын нал бахъом сты.
Оливер Иванович косовойаг сербæгты лидер уыд. 2008-=2012 азты уый Сербийы хицауады Косовойы хъуыддæгтыл кусæг нымæрдары посты ахста.
2016 азы Ивановичæн стæрхон кодтой 9 азы æмгъуыдмæ ахст, уыйы азымджын кодтой 1999 азы албайнæгты ныхмæ æфсæддон фыдракæнды. Йæхæдæг Иванович фыдракæндыл нæ басастис. 2017 азы аппеляцион тæрхондон фыццаг инстанцийы тæрхоныскуыд фæмацы кодта, æмæ райдыдта политикъы хъуыддаджы фæдыл ног процесс.
Бæрæг куыд æссис афтæмæй, сербаг политикъы марындзинады фæстæ, Сербийы хицауады делегаци Брюсселы Евроцæдисы æхсæны бацыдæй Косовойы хицауадимæ цæугæ бадзырдтæ ныууагъдта.