Китайы ковидарæнæвæрдты ныхмæ протестон акцитæ дарддæр кæнынц, акцийы хайадисджытæ Си Дзинпины куыстуæгъд домынц
Китайы ковиарæнæвæрдты ныхмæ протестон акцитæ ацыд. Демонстрацитæ Пекины, Шанхайы æмæ цалдæр стыр горæты уыд.
Протестон рацыдты хайадисджытæ хъæр кодтой зæгъгæ, «нал нæ хъæуы тест æмæ локдаун», «Си Дзинпин, ацу». Пъæлицæй демонстрантты хайы æрцахста æмæ сæ хайадмæ фæхæццæ кодта.
Китайы «Ковид-19»-ы ныхмæ, а.х. Нулы йас политикæ архайы, кæцы карз арæнæвæрдтæ сфидар кæнын дары йæ хуъыдыйы.
Уымæ нæкæсгæ, бæстæйы масштабæй, фæстаг бонты ковидцауты нымæц рекордон нысанмæ бахæццæ ис.