Китайы коронавирусæй фæмардуæвджыты нымæц 1016-ы онг фæфылдæр ис
Китайы ног типы коронавирусæй фæмардуæвджыты нымæц 1016-ы онг фæфылдæр. 10 февралы вирусæй Хубейы провинцийы 103 адæймаг æрбамард.
Фæнысангонд регионы 10 февралы, инфицирдзинады 2 097 ног цау фæбæрæг ис, 9 февралы та вирус сбæлвырд кодтой 2 618 адæймагæн.
Китайы ног типы коронавирусæй æдæппæт 42 200 адæймаг у инфициргонд. Фæмардуæвæг адæймæгты æртæ цыппæрæм хай растдæр Хубейы провинцийы цардысты.
Вирусимæ æнæгъгъæд тохы аххосагæй Китайы хицауад æнæнизхъахъхъæды комиссийы къухдариуæггæнæгы æмæ партийы нымæрдары, афтæдæр Сырх Дзуары бынæттон организацийы директоры хæдивæгы сæ куыстбынæттæй систа.
10 февралы Китаймæ ныццыд æнæнизхъахъхъæды дунейы организацийы мисси. Пекины иуæй-иу рынчындоны уыд Китайы президент, Си Дзинпин, кæцы дохтырты абæрæг кодта, кæцытæ инфициргонд адæймæгтæн хос кæнынц. Бæстæйы президент загъта, цæмæй зæгъгæ вирусимæ тох кæнынæн скуыддзаггæнæг мадзæлттæ райсын хъæуы.