Китайы коронавирусæй фæрынчыны ноджы 17 цау сфиксир ис. Æмтгæй райсгæй инфициргондты нымæц 62 у. Вирусæй дыууæ пациенты фæхъуыдысты.
Ву ханы провинцийы комитеты информацийæ, 17 ног инфицирдзинады цауæй, 12 инфициргонд нæлгоймæгтæ сты, фондз та слгоймæгтæ. Сæ кар у 30-æй 80 азы онг. Уыдон симптомтæ фæфиппайдтой 13 январæй æмæ фылдæр цауы бæрзонд тæвд æмæ хуыфæгæй иу фæбæрæг исю Æртæ пациент иттæг уæззау уавæры сты.
Ву Ханы æнæбæрæг равзæрды пнемонийы эпидеми декабры райдыдта. Эксперттæ æнхъæлынц, цæмæй низы расайæг у ног типы коронавирус. Ног вирус, коронавирусты мыггагæй у, ахæм куыд карз респираторон синдром, кæцы 2002-2003 азты дунейы масштабæй 800-ы онг адæймагы амардта. Йеуæд дæр эпидемийы ахæлиу райдыдта Китайæ. Эксперттæ дзурынц, цæмæй зæгъгæ ног вирус афтæ леталон нæ зыны, куыд карз респираторон синдром, фæлæ ацы этапыл йæ равзæрды фæдыл бирæ ницы у бæрæг, афтæдæр нæ зонынц, куыд æнцонтæй хæцгæ низ у.