Китай Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн æнæвизæ дыууæрдæм змæлд сфидар кодта
Китайы Республикæ Гуырдзыстоны æмбстæгтæн æнæвизæ дыууæрдæм змæлд сфидар кодта.
Уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Иралкий Къобахидзе хицауады абоны рабадтыл райхъусын кодта.
Премьер-министр куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн сæ бон уыдзæн Китайы, æнæвизæйæ 30 боны дæргъы баззайын.
«Китайы Адæмон Республикæ рахаста уынаффæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн æнæвизæ дыууæрдæм змæлды режим сфидар кæныны фæдыл. Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн сæ бон уыдзæн Китайы æнæвизæйæ 30 боны дæргъы баззайын, уый у иттæг нысаниуæгджын уынаффæ, кæцы нæ æмбæстонтæн фенцондæр кæндзæн Китаймæ балц кæнын æмæ ног фадæттæ ратдзæн Гуыдзыстон æмæ Китайы æхсæн политикон, экономикон æмæ культурон цæдистæ фылдæр стынг кæныны цæстæнгасæй. Ацы уынаффæ у Гуырдзыстоны æмæ Китайы æхсæн фарон къухæвæрд стартегион партнерады бадзырды радон иттгæг нысаниуæгджын практикон фæстиуæг. Арфæ кæнын æмбæстгæтæн æмæ мæ фæнды, бузныг зæгъын китайаг хæлæрттæн, Китайы хицауадæн ацы иттæг нысаниуæгджын уынаффæйы тыххæй», – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.
Бакой уын кæндзыстæм, Китайы æмбæстæгтæн æнæвизæ режим 2023 азы 11 сентябрæй скуыста.
Уыйимæ Гуырдзыстон-Китайы æхсæн стартегион партнерады фæдыл бадзырд 2023 азы июны бафыстæуыд.