Китай АИШ-æн дзуаппон тарифтæ æвæры
Китай АИШ-æн дзуаппон тарифтæ æвæры

Китай АИШ-æн æвæры дзуаппон тарифтæ. Уый фæдыл Китайы Паддзахадон Советы Тарифон къамисы расидæны ис фыст.

«15 проценты тарифтæ æвæрд æрцæудзæн карчы фыд, мæнæу, нартхор æмæ бæмбæгæн». “Дæс проценты тарифтæ æвæрд æрцæудзысты хъæбæрхор соргойæ, сойæ, хъуджы фыд, хуыйы фыд, денджызы продукттæ, дыргътæ, халсартæ æмæ æхсыры продукттæн”, — дзырдæуы Паддзахадон Советы тарифты къамисы хъусинаджы.

Зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 4-æм мартъийæ АИШ дыууæ хатты фæфылдæр кæндзæн Китайы базайрагæн æвæрд 10% тарифтæ. Афтæ дæр Канадæ æмæ Мексикæйыл 20 проценты тарифтæ æвæрд æрцыдысты.