Хорватийы зæххæнкъуысты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц фæфылдæр ис, кæлддзæгты дарддæр кæнынц агурæн-ирвæзынгæнæн мадзæлттæ
Хорватийы зæххæнкъуысты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц авды онг райрæзт. Кæлддзæгты ран цæуынц агурæн-ирвæзынгæнæн куыстытæ. Уый фæдыл бынæттон медийæн фехуъсын кодта вице-премьер, Давор Божинович.
Уый фæстаг 140 азы дæргъы Хорватийы æрцæугæ сегасдæр фидар зæххæнкъуыст уыд, кæцыйы схустытæ рахатинаг уыдысты Венæ æмæ Римы дæр.
6.4 магнитудæйы зæххæнкъуыст Хорватийы централон хайы æрцыд. Стихий сæйраг горæт Загребмæ хæстæг горæт Петриниайы базиан кодта, цы ран уыд эпицентр. Горæты пырх сты бæстыхæйтты фылдæр. Агурæн-ирвæзынгæнæн куыстытæм баиу кæнынмæ æрвыст сты æфсæддон иугæндтæ.