Хорватийы сæйраг горæт Загребы цур æрцыд 5.2 магнитудæйы зæххæнкъуыст
Хорватийы сæйраг горæт Загребы цур æрцыд 5.2 магнитудæйы зæххæнкъуыст. Уый фæдыл информаци хъусын кæны Европæ-Зæххастæу денджызы сейсмологион центр.
Ахæлиугонд хъусинагмæ гæсгæйæ, зæххыбын схуыстыты эпицентр Загребæй 50 км дæрццæг уæвæг горæт Петриниайы цур, 10 км арфы уыд. Амæттагы æмæ зианы бæрцы фæдыл информаци нырма нæй. Хорватийæ дарддæр ма зæххыбын схуыстытæ рахатинаг уыд Босниа æмæ Герцоговинæйы æмæ Венгрийы.