Хицауады уынаффæйæ, ковидфæрынчынуæвæгимæ контакты тыххæй изоляцийы хæс, æххæстæй аивдтой
Ковидфæрынчынуæвæгимæ контакты тыххæй изоляцийы хæс æххæстæй аивдтой.
Хицауады уынаффæйæ, уыдонмæ лæвæрд цæуы маскæ дарыны карз рекомендаци бæрзонд рискы контакт аскуыдæй иннæ 10 кæлиндарон боны дæргъы.
Абоны онг архайæг регуляцийæ, вакциниргонд чи нæу, кæнæ æххæстæй вакциниргонд чи нæу, уыцы æмбæстæгтæ, ковидфæрынчынуæвæгимæ контакт цауы, 8 бонæй изоляцимæ хъуамæ ахызтаиккой, кæцыйы фæуды фæстæ, иннæ 9-12 боны дæргъы хъуамæ дардтаиккой маскæ.
«COVID-19» рынчынимæ контакты уæвæг уæнгтæ нал сты дæлбар изоляцийы, уыимæ уыдонмæ лæвæрд цæуы маскæ дарыны карз рекомендаци бæрзонд рискы контакт аскуыдæй 10 кæлиндарон боны дæргъы, – уый нымæцы ныллæг рискы уавæрты уæвгæйæ, æхсæнадон æмбырды рæтты, æхсæнадон транспорты, цæрæн ран, сæхи дард дарæт ахæм бынæттæй, цы ран маскæ дарын гæнæн нæй (дæнц.: хæрæндæтты æмæ а.д.)», – банысангонд у хицауады уынаффæйы кæцы 27 сентябрæй у датæгонд.