Хицауады уынаффæйæ, цæугæ 4 июлæй,2023 азы 4 июлмæ, Гуырдзыстонæй мæнæу æмæ хъæбæрхоры экспорт тобæгонд уыдзæн
Регионы уæвæг уавæры тыххæй, хæлцадон æдадсзинад сифтонг кæнынæн, нысаниуæгджын у бынæттон мæнæу æмæ хъæбæрхоры реализаци æрмæст мидбазарыл сыххæст уа, – уый фæдыл æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министр Отар Шамугиа фехуъсын кодта.
Министр дзуры, цæмæй нæкæсгæ уымæ æмæ Гуырдзыстон æххæстæй баст у мæнæуы импортыл (æрвылазонæй 500 мин тоннæ) æмæ йæм тынг чысыл кондад кæй ис, уый тыххæй эспорт сыххæст кæнын хъом нæу, сырæзт уавæр æвзæрын кæны риск, цæмæй бæстæйæ бæрæг бæрцæй мæнæу экспортмæ ацæуа.
Афтæма, йæ дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны æркæнгæ хъæбæрхоры экспорт Ирак æмæ Иранмæ цæуы. Фосдарынады, маргъдарынады æмæ хуыдарыны къабæзты хойраг ресурс хъæбæрхор, иттæг нысаниуæгщджын у, цæмæй ацы этапыл, æрмæст бынæттон базарыл уа реализацигонд. Цæугæ азы, хъæбæрхоры прогнозон тыллæг 60 мин тоннæйы фæлгæтты ис. Абоны уавæрæй, 2,5 мин тоннæйæ фылдæр экспортиргонд у.
«Уæлдæбанысангонды тыххæй, хицауад рахаста уынаффæ, цæугæ азы 4 июлæй, 2023 азы 4 июлмæ, Гуырдзыстонæй мæнæуы æмæ хъæбæрхоры экспортыл тобæ сæвæрыны фæдыл. Ацы этапыл арæнæвæрдтæ не ххæссынц нартхоры экспортмæ. Æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрад, мæнæуы æмæ хъæбæрхоры амалиуæгдæрттимæ æнæ иу фембæлд ауагъдта æмæ сæ позицитæм байхъуыста. Сæ фидиæнæй, бынæттон базар, уæвæг æркуырдмæ гæсгæйæ, бæстæйы æркæнгæ тыллæгæй æнæхъæнæй æрхион кæндзæн», – райхъусын кодта Отар Шамугиа.
Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны хъæууон хæдзарады министрад.