Хицауады уынаффæйæ, æнæстандартон фæткъуыйы тыллæгы реализацийы нысанæн, паддзахадон программæ сыххæст уыдзæн
Хицауады уынаффæйæ, æнæстандартон фæткъуыйы тыллæгы реализацийæн къух саразынæн, паддзахадон программæ сыххæст уыдзæн. Информаци хъусын кæны æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрад.
Уагдоны хъусинагæй, развæлгъау бæрæггæнæнтæй, цæугæ азы, æнæстандартон фæткъуыйы тыллæг 50 мин тоннæйæ фылдæр уыдзæн.
«Уагъд продукци, цæмæй ма фесæфа, фермертæн нæ уыдзæн тыллæгы реализацийы проблемæ æмæ райсой æфтиаг, æнæстандартон фæткъуыйы реализацийæн къух саразынæн паддзахадон программæ, раззаг азтау, ацы аз дæр сыххæст уыдзæн.
Паддзахадон программæйы фæлгæтты хъæуты райрæзты агентад иу кг æнæстандартон фæткъуыйыл 10 тетрийы бæрц субсиди ратдзæн. Паддзахадон субсиди райсдзысты дыргъы бакусæн уыцы компанитæ, кæцытæ 2023 азы 15 декабры онг фермертæй 1 кг æнæстандартон фæткъуы балхæндзысты æнæкъаддæр 24 тетерийæ.
Программæйы æнæкуылымпыйæ сыххæст нысанæн, арызт уыдзæн специалон кусæн къорд, кæцы фæткъуыйы реализацийы процессæн бынатыл координаци кæндзæн. Дыргъбакусæн кондадтæ, кæцытæ проектмæ баиу уыдзысты, хæсджын уыдзысты координацион штабы электронон формæйæ ауадзой сæхи регистрацийы», – хъусын кæнынц уагдоны.