Хельсинкийы комисси сиды Гуырдзыстоны хицауадмæ политикон кризис ивтыгъд суадзынмæ
Хельсинкийы комисси Гуырдзыстоны айтынггонд фæзындты кой кæны.
Комиссийы лидертæ «Оппозицийы лидер Ника Мелиайы æрцахст критикæ кæнынц». Æмбæлгæ куырдиатыл къух рафыстой: америкаг сенатор Роджер Уикер, сенатор Бен Кардин, конгрессмен Элси Хейстинг æмæ джо Уилсон.
«Куыд «Европæйы æдасдзинады æмæ æмгуыстады организацийы» хайадисæг паддзахад афтæ, Гуырдзыстон фехъусын кодта демокративон институттæм, адæймаджы барты æмæ законы сæйрагдзинадæн цыты иузæрдыгдзинады фæдыл. Ныхмæлæууæг политикон партийы сæйраг офисмæ бырст æмæ йæ лидеры хивæндæй æрцахст демокративон прогрессимæ нæ бады. Сидæм Гуырдзыстоны хицауадмæ, ссæрибар кæнæт Ника Мелиайы, ивтыгхд суадзæн кризис æмæ ногæй баиу уæт диалогмæ агрессийы бæсты», – банысангонд у фидиуæны.