Хельсинкийы Комисси – фæсарæйнаг бæстæйы агентты фæдыл  закъон  у бырст бæстæйы  фæлæмæгъгонд  демократимæ, хивæнд лæвар Уæрæсейæн
Хельсинкийы Комисси – фæсарæйнаг бæстæйы агентты фæдыл закъон у бырст бæстæйы фæлæмæгъгонд демократимæ, хивæнд лæвар Уæрæсейæн

Фæсарæйнаг  бæстæй  агентты   фæдыл  закъон  у  бырст  бæстæйы   фæлæмæгъгонд демократимæ, хивæнд   лæвар Уæрæсейæн  æмæ комкоммæ быцæусидт   Гуырдзыстоны æмбæстæгты  фæдфæдон  евро-атлантикон  æвззæрстæн, уый иунæг аспектты дæр нæу  fara-ы  æнгæс, – уый фæдыл  Хельсинкийы  комисси «Твиттеры» фыссы.  Комиссийы публикацигонд  фидиуæны   автортæ сты  Хельсинкийы Комиссийы  сæрдар Джо Вилсон, æмсæрдар  Бен Кардин æмæ акæнæг  закъондæтджытæ, конгрессмен  Стив Коэн æмæ сенатор Роджер Уикер.

«Хæдбарад ногæй рацаразыны фæстæ  гуырдзиаг адæм  тынг æргомæй  æмæ фæдфæдонæй  æвзæрстой  уый,  цæмæй  уыдаит   демократон, евро-атлантикон  æхсæнады уæнг.   Фæлæ  анти-демократон,  уырыссаг стилы  закъон  фæсарæйнаг бæстæйы  агентты фæдыл, куы  скуса, уыдзæн   гуырдзиаг адæмæн нæзагъд   Евроцæдис æмæ НАТО-йы  уæнгтæм тырнынадыл æмæ   бахахх кæндзæн   гуырдзиаг демократийы   цырд  регресс.  Уый ма афтæдæр æвдисы  нырыккон хицауады   рæзгæ  хæстæгдзинад  Уæрæсеимæ – уыцы  бæстæимæ, кæцы оккупаци скодта Гуырдзыстоны 20%,   скъæфы йæ æмбæстæгты,   ницæмæ дары  йæ  суверенитет  æмæ   геноцидон хæст уадзы  Украинайы  ныхмæ.

Ацы закъон, афтæ куыд   цæугæ   демократон регресс, уый нымæцы политикон оппонентты  æрцахстытæ, у бырст нæ стратегион партнерадмæ æмæ гуырдзиаг адæмы  ныгуылæйнаг æвзæрстмæ.  1991 азæй  Америкæ гуырдзиаг адæмы   хъæддых  æмæ æнæцудгæ  хæлар у æмæ уый  хицауады   позицимæ нæкæсгæ, ивд нæ уыдзæн. Нæ  хæлардзинадмæ  гæсгæйæ,   сидæм  Гуырдзыстоны  хицауадмæ, нæзагъд ракæна  иницииргонд закъонопроектыл æмæ  сног кæна йæ иузæрдыгдзинад   демократимæ», –  банысангонд у  иумæйаг фидиуæны.

 

The proposed foreign agent law in #Georgia is an assault on the country’s weakening democracy, a deliberate gift to #Russia, and a direct challenge to the Georgian people’s consistent Euro-Atlantic choice. It does not resemble #FARA in any way. pic.twitter.com/6NUPBdDiZg

— Helsinki Commission (@HelsinkiComm) March 6, 2023