Хъахъхъæнынады министрад – Гуырдзыстоны президенты æвзæрстытæ Афгъанистаны бакæнгæ æвзарæнон фадгуытыл, аыдысты сабыр уавæры
Афгъанистаны «Хъæддых фарсмæлæууды» миссийы хайадисæг гуырдзиаг æфсæддæттæ Гуырдзыстоны президенты æвзæрстыты се мбæстагон хæс ныридæгæн сæххæст кодтой. Æвзæрстыты процесс ацы сабыр уавæрты æмæ æвзæрстытæ ацыдысты процедурæтæ æмбæлгæйæ. Информацийы хæлиу кæны Гуырдзыстоны хъахъхъæнаныд министрад.
Уагдоны информацийæ, абон Афгъанистаны æрмæст хъæлæскæнынады процедурæ ацыд. Процессы фæуды фæстæ , æвзарæнон документаци, сæ нымæцы конверттæ, кæцыты мидæг бюллетентæ сты æвæрд, мыхуырæй æхгæд æрцыдысты æмæ фæстиуджыты бахыгъд Централон Æвзарæнон Камисы 28 октябры, Гуырдзыстоны президенты æвзæрстыты халæппæрсты процессы фæуды фæстæ райдайдзæн.
Афгъанистани байгом ис дыууæ æвзарæнон фадыг. Гуырдзыстоны гарзджын тыхты II фистæг бригадæйы 22 батальоны æфсæддон кусджытæ сæрмагонд æвзæсрт Баграмы авиацион базæйыд сфиксир кодтой, цы ран æвзарæнон фадыг сæумæрайсомы авд сахатыл байгом ис.
II бригадæйы æмбырдгонд ротæ йе мбæстагон хæс сæххæст кодта Маза-И-Шарифы, немыцаг базæ «Мармалыл» кусæг æвзарæнон фадыгыл. Кабулы «ХЪæддых фарсмæлæууды» миссийы штаб-хæдзары дислоциргонд IV механизацигонд бригадæйы фæтыхджындæргонд ротæ та, президенты æвзæрстыты, куыд Баграмы æвзарæнон фадыгы æвзæрстгæнджытæ, ахæсгæ æвзарæнон асыкы фæрцы райстой хайад.
«Æвзарæнон фадгуытæ специалонæй сарызта æмæ срæвдз кодта Централон Æвзарæнон Камисы афгъанистанмæ æрвыст къорд, кæцы æвзæрстыты ауадзынæн алы хъæугæ мадзал сæххæст кодта. Афгъанистаны Гуырдзыстоны президенты æвзæрстыты рæстагæй ауадзынмæ, ЦÆК-ы уæнгтæй дарддæр ма, цæст дарттой медийы æмæ æндæр æмæ æндæр политикон партиты минæвæрттæ» – хъусын кæнынц Гуырдызстоны хъаххъæнынады министрады.