Хъахъхъæнынады министрад Бæрзонддæр ахуыргæнæндæттæм бахауæг æфсæддæттæн æмæ сæ бинонты уæнгтæн ахуыры фидинагы 50%-æй сфинанс кæндзæн
Æфсæддоныл ориентацигонд ног социалон политикæйы фæлгæтты, хъахъхъæнынады уагдон æрывнæлдта ног проектмæ, кæцы æфсæддæттæн æмæ сæ бинонтæн ахуыры баххуыс кæнын дары йæ хъуыдыйы.
Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министры Ираклий Гъарибашвилийы уынаффæйæ, министрад бæрзонддæр ахуыргæнæндæттæм бахауæг æфсæддæттæн æмæ сæ бинонты уæнгтæн, ахуыры фидинагы 50%-æй æмфинансгæнæг уыдзæн, кæцымæ гæсгæ дæр, паддзахады бæлвырд ахуыры минималон аргъ – 2 250 ларийы æрдæг бафиддзæн.
Уымæй уæлдай ма, бæрзонд академион æнтысындзинады тыххæй сын, семестргай, 750 ларийы бæрц «министры стипенди» снысан уыдзæн.