Хъахъхъæнынады министрад – АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдары Гуырдзыстонмæ визит ноджы иу хатт хахх кæны АИШ æмæ Гуырдзыстоны æхсæн стратегион партнерады фидардзинад æмæ æмгуыстады бæрзонд æмвæзад
Пентагоны официалон минæварæй анонсы фæстæ, Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрад дæр бæлвырд кæны, ома АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдар Ллойд Остин Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн официалон визитæй, кæцыйы гæнæн ис историонæй схонын. Уый фæдыл банысангонд у хъахъхъæнынады министрады публикацигонд информацийы.
Уагдоны куыд æмбарын кæнынц афтæмæй, АИШ-ы хъахъхъæйнынады нымæрдары визит ноджы стынгдæр кæндзæн Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы æнгом æмгуыстад хъахъъхæнынады сферæйы æмæ ахъаз уыдзæн стратегион партнерад ноджы сфидардæр кæннæн.
«Хаххгонд у, цæмæй АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдарæй Ллойд Остины снысаны фæстæ, йæ иуæй иу фыццаг телефонон дзырд уыд Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр Джуаншер Бурчъуладземæ, кæцыйы рæстæджы Остин бахахх кодта Гуырдзыстоны куыд æвзæрст æмæ æууæнкаг стратегион партнеримæ æмгуыстады стыр нысаниуæг æмæ равдыста фылдæр бастдзинады æмæ партнерадлы ноджы фæарфдæр кæнынмæ цæттæдзинад. Гуырдзыстоны сæйраг стратегион партнеры АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдары визит ноджы стынг дæр кæндзæн нæ бæстæты æнгом æмгукстад хъахъъхæнынады сферæйы æмæ ахъаз уыдзæн стратегион партнерад ноджы сфидардæр кæнынæн» – дзырдæуы ахæлиугонд информацийы.