Кетеван Цихелашвили - нысаниуæгджын у, цæмæй Гуырдзыстоны парламент æмæ европарламент кусын резолюцийыл Гуырдзыстонæн æххуысы æмæ оккупацигонд территориты фæдыл
Европарламенты абон Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоциацидзинады парламентон комитеты рабадт ацыд.
Фембæлды райдаыны агъоммæ, æркæсинаг фарстыты фæдыл Фыццаг Къаналимæ фæныхас кодта, фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстыты Гуырдызстоны паддзахадон министр Кетеван Цихелашвили.
«Абоны фембæлды иуæй-иу сегасæй ахсджиаг фарст уыд цыцы уавæр æркæсын, кæцы оккупацигонд территотыл сырæзт Уæрæсейы дæргъвæтин оккупацийы уавæрты. Мах фæныхас кодтам æдадсзинады æмæ гуманитарон сидтытыл, кæцытæ мингай адæймагæн æвзæрынц æрвылбойнонæй» – банысан кодта Кетеван Цихелашвили.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, абоны фембæлды иуæй-иу темæ уыд Арчил Татунашвилийы царды фæныхылды факт дæр.
« Ныр цæуы фæдæвзарæн. Парламент райста резолюци. Ис нын Евроцæдисы æмæ партнерты фарсхæцынад, цæмæй ацы фæдагуырд эффективон уа, ма фæкъуылымпы уа æмæ рабæрæг уой уыы уæнгтæ, кæцытæ бæрнон сты ацы æбуалгъ фыдракæнды. Алцыппæт уымæй бæрæг у, цæмæй бынатыл уавæр у æгæр уæззау. Махæн нысаниуæгджын сты сабырад æмæ стабилондзинад. Уымæ баххæссын гæнæн ис конфликты сабырадонæй аскуыддзагы уавæрты. Иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй Гуырдзыстоны парламент æмæ европарламент кусы резолюцийыл, Гуырдзыстонæн æххуысы æмæ оккупацигонд территориты фæдыл» – райхъусын кодта Кетеван Цихелашвили.