Кемеровойы трагедимæ гæсгæ, Уæрæсейы 28 март фыдохы бон уыдзæн

Кемеровойы  трагедимæ  гæсгæ, Владимир Путин  Уæрæсейы  28 марты фыдохы бонæй расидт.  Уæрæсейы  президенты  пресс-куысты  информацийæ,  æнæхъæн бæстæйы  масштабæй тырысатæ  бынмæ æруадздзысты.

Уæрæсейы  хицауад  культурон  уагдæтты  æмæ  теле-радио каомпанитæм сиды  ахæцой ивхæрсæн амлæттæ.

Паддзахадон оргæнтæн бахæс кодтой,   фæмардуæвджыты  æмæ зианбаййафджыты  бинонтæн  баххуыс кæнын.

Уæрæсейы  сахар Кемеровойы  базарадон центры  зынгирзвæты фæстиуæгæн 64 адæймаг   амард, сæ нымæцы 41  сывæллон.