Келли Дегнан - тынг хъал стæм уыцы æнтыстытæй, кæцытæм АИШ æмæ Гуырдзыстон, ивгъуыд 30 азы даргъы баххæссыдыстæм, уый уынын кæдæм ацæуын алы ран
Тынг бирæ нын ис рымысинаг аы ивгъуыд 30 азы дæргъы нæбыхсгæйæ иу æнхъæлмæ кæсæм фидæн азтæм, – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар, Келли Дегнан Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы æхсæн дипломатон ахастыты 30 азы сæрмæ нывонд мадзалыл райхуъсын кодта.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ æхсызгон у уыцы æнтыст, кæцымæ АИШ æмæ Гуырдзыстон ацы 30 азы дæргъы баххæссыдысты.
«Абон ам стæм, цæмæй банысан кæнæм Америкæ-Гуырдзыстоны дипломатон ахастыты 30 азы юбилей. Тынг хъал стæм уыцы æнтыстытæй, кæцытæм АИШ æмæ Гуырдзыстон ацы 30 азы мидæг баххæссыдыстæм. Æз уый кæддæриддæр уынын алкуыран. Гуырдзыстоны регионтæм балцы рæстæджы иу уынын скъолаты, кæцыты «Миназы сидты фонды» фæрцы иумæ сарызтам; уынын уыцы продукцийы, кæцыйы фермертæ уадзынц æмæ сæ ног базарты бæрзонд аргъæй уæй кæнынц; уынын уыцы диссаджы куысты, кæцыйы донбылхъахъхъæды, арæнон пъæлицæйы, таможнæ æмæ барадхъахъхъæнæг структурæты кусджытæ æххæст кæнынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы фидар æмгуыстад Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты æхсарджын минæвæрттæм, кæцытæ бæстæйы æдасдзинад æмæ арæнтæ хъахъхъæнынц. Æцæгдæр нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсæм фидæны æмгуыстадмæ. Мæнæн стыр цыт у ацы бон банысан кæнæн мадзалыл куы ис Гуырдзыстоны премьер-министр, фæсарæн хъуыддæгты министр æмæ «USAID»-ы администраторы хæдивæг. Хъуыды кæнын, уый амонæг у, цæмйæ цас нысаниуæгджын у Гуырдзыстон, АИШ-æн. Тынг бьирæ æрымысинæгтæ нын ис ацы ивгъуыд 30 азы дæргъы æмæ нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсæм фидæн азтæм», – банысан кодта Келли Дегнан.