Келли Дегнан – Æнхъæл мачи хъуамæ уæд, цæмæй гуырдзиæгтæн æхсызгон сты Уæрæсейæ æрцæугæ адæм
Нисаниуæгджын нæу, цы хъуыды кæнын æз, нысаниуæгджын у цы хъуыды кæны гуырдзиаг адæм, кæцы дырыс равдыста, цæмæй мачи уæт æнхъæл гуырдзиæгтæй, ома уыдонæн æхсызгон уыдзæн адæмы фенын уыцы бæстæйæ, кæцы оккупаци скодта Гуырдзыстоны 20 процент, – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар, Келли дегнан Батумы порты цæугæ акцийы тыххæй райхъусын кодта.
Минæвары дзырдæй гуырдзиæгтæ пайда кæнынц конституцийæ гарантиргонд барæй, цæмæй равдисой сæрмагонд протест.
«Ацы бæстæй тыххæй бинонтæ сты хицæнгонд аразгæ администрацион арæйнон хаххытæй, бæстæйæ, кæцы ахсы Гуырдзыстоны æмбæстæгты æмæ хаттæй-хатт уый цалдæр мæй даргъ кæны, мачи хъуамæ уæт æнхъæл, цæмæй гуырдзиæгтæн æхсызгон сты ацы бæстæйæ æрцæугæ адæм. Æцæгдæр ницы уæлдай у æрцæудзысты уыдон сурзæххы уылты æви денджызæй. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, гуырдзиаг адæм дырыс æвдисынц, цæмæй сæ уый нæ фæнды. Гуырдзиæгтæ пайда кæнынц конституцийæ гарантиргонд барæй, равдисой ацы æнкъарæн æмæ спротест кæной. Уый у хуымæтæг демократон паддзахадты æмæ уый бар дæтты конституци», – райхъусын кодта Дегнан.
Батумы наулæууæны круизон лайнерæн, кæцы Уæрæсейы æмбæстæгты æрласта, протестон акциимæ амбæлдысты.