Келли Дегнан - Ллойд Остины визитæй ноджы иу хатт бæрæг у уый æмæ, АИШ-Гуырдзыстоны æхсæн дарддæр кæнынц æнгом ахастытæ
Ллойд Остины визит у ноджы иу бæлвырдгæнæн, ома АИШ æмæ Гуырдзыстоны æхсæн дарддæр кæны æнгом ахастытæ, – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнан райхъусын кодта, кæцы АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдарæн йæ размæ рацыд Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты.
«Стыр цыт у абон Гуырдзыстонмæ кæй фæуазæг ис АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдар Ллойд Остин. Йæ визит у ноджы иу бæлвырдгæнæн, ома АИШ æмæ Гуырдзыстоны æхсæн дарддæр кæны æнгом ахастытæ. Æдасдзинады фарстæты нæ æмгуыстад дарддæр кæны. Абоны фембæлдыл æркæсдзыстæм, цæмæй, ноджы цы ис гæнæн, саразой нæ фарсытæ иумийагæй, цæмæй стыхджындæр уа Гуырдзыстоны æдасдзинад æмæ стабилондзинад. Райгонд дæн, Остин Гуырдзыстоны кæй ис æмæ нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсæм фæстиуæгджын фембæлдтæм», – райхъусын кодта Келли Дегнан.
Райдыдта АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдары официалон визит Гуырдзыстонмæ.