Райдыдта АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдары официалон визит Гуырдзыстонмæ
Райдыдта АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдары официалон визит Гуырдзыстонмæ

АИШ-ы  хъахъхъæнынады  нымæрдар  Ллойд Остин  нырид Гуырдзыстоны ис.  Пентагоны  къухдариуæггæнæгæн йæ размæ  Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты   рацыд  Гуырдзыстоны хъахъхъхæнынады министр.  Джуаншер Бурчъуладзе  америкаг   коллегйæн  Гуырдзыстонмæ  визиты  тыххæй раарфæ  кодта æмæ  йын  æнтыстытæ  ракуывдта.

Абон  Джуаншер Бурчъуладзе  Ллойд Остинæн сфысым кæндзæн   хъахъхъæнынады министрады.  Официалон   размæ рацыды  церемонийы фæстæ гуырдзиаг æмæ америкаг  коллегæтæ дыууæфарсон фембæлд ауадздзысты, кæцыйыл АИШ-ы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн  хъахъхъæнынады сферæйы  æмгуыстады фарстæтæ  æркæсдзысты.  Фæстæдæр  иумæйаг  пресс-конференцийыл  Гуырдзыстоны æмæ АИШ-ы хъахъхъæнынады  уагдæтты  къухдариæггæнджытæ  медийы минæвæрттæн  ауадздзысты  пресс-конференци.  Плангонд Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады министрады æмæ АИШ-ы  хъахъхъæнынады  департаменты  æхсæн  бадзырд бафыссын, кæцыйæн йæ нысан у Гуырдзыстоны иргъыхъомады фæрæзтæ  стынг кæнын.

Визиты фæлгæтты  Ллойд Остин  фембæлдзæнис  премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ.