Гуырдзыстоны райдыдта Кнесеты спикеры, Амир Оханайы  официалон визит
Гуырдзыстоны райдыдта Кнесеты спикеры, Амир Оханайы официалон визит

Израилы паддзахады Кнесеты  (парламент)  спикер  Амир  Охана  официалон визитæй  фæуазæг ис  Гуырдзыстонмæ. Тбилисы æхсæнадæмон  аэропорты  йæ размæ рацыд  парламенты ахуырады æмæ  зонæдты комитеты  сæрдар  æмæ Гуырдзыстон-Израилы  парламентон  хæларады  къорды  къухдариуæггæнæг  Гиви Миканадзе.

4 сентябры, Кнесеты  спикер Гуырдзыстоны  закъондæттæн æмæ   æххæстгæнæг  хицауады  минæвæрттимæ  ауадздзæн фембæлдтæ.

Закъондæттæг органы Амир Оханаимæ фембæлдзæн Шалва Папуашвили.  Фембæлды фæстæ  дыууæ бæстæйы  парламентты спикертæ  прессæйæн иумæйаг фидиуæнтæ сараздзысты.

Амир Охана Гуырдзыстоны фембæлдтæ ауадздзæн, премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ,  фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвилиимæ, æмæ  Сæйраг Тæрхондоны сæрдар Нино Кадагидзеимæ.

Визиты фæлгæтты Амир Охана  дидингуытæ сæвæрдзæн  Гуырдзыстон территорион æнæхъæндзинадæн тохы  мард хъайтараты  мемомриалыл, бæрæгдзау бацæудзæн   Давит Баазовы  номыл Гуырдзыстоны  дзуттæгты  æмæ  гуырдзиаг-дзуттаг  ахастыты  историйы  музеймæ.