Келли Дегнан - Ллойд Остины визитæй ноджы иу хатт бæрæг у уый æмæ,  АИШ-Гуырдзыстоны  æхсæн дарддæр кæнынц æнгом  ахастытæ
Келли Дегнан - Ллойд Остины визитæй ноджы иу хатт бæрæг у уый æмæ, АИШ-Гуырдзыстоны æхсæн дарддæр кæнынц æнгом ахастытæ

Ллойд Остины  визит у ноджы иу  бæлвырдгæнæн, ома АИШ æмæ  Гуырдзыстоны  æхсæн дарддæр кæны  æнгом  ахастытæ, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнан райхъусын кодта, кæцы АИШ-ы хъахъхъæнынады  нымæрдарæн  йæ размæ рацыд Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты.

«Стыр цыт у абон Гуырдзыстонмæ  кæй фæуазæг ис  АИШ-ы  хъахъхъæнынады нымæрдар  Ллойд Остин.  Йæ визит у  ноджы иу  бæлвырдгæнæн, ома АИШ æмæ  Гуырдзыстоны  æхсæн дарддæр кæны  æнгом  ахастытæ. Æдасдзинады фарстæты нæ æмгуыстад  дарддæр кæны. Абоны  фембæлдыл  æркæсдзыстæм, цæмæй,  ноджы  цы ис  гæнæн, саразой нæ фарсытæ иумийагæй, цæмæй  стыхджындæр уа Гуырдзыстоны  æдасдзинад æмæ стабилондзинад. Райгонд дæн, Остин Гуырдзыстоны кæй ис æмæ нæбыхсгæйæ  æнхъæлмæ кæсæм  фæстиуæгджын  фембæлдтæм», –  райхъусын кодта Келли Дегнан.

Райдыдта АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдары официалон визит Гуырдзыстонмæ.