Келли Дегнан - Куыд Гуырдзыстоны хъæддых хæлæрттæ афтæ, абон сымахимæ иумæ бæрæгбон кæнæм Гуырдзыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад
Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады номæй, минæвар Келли Дегнан зæрдиаг арфæ кæны Гуырдзыстоны цæрджытæ хæдбардзинады 102-æм азы сæр.
Келли Дегнаны видео-арфæ, Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады «Фейсбук-фарсыл» у публикацигонд.
«Салам, æз дæн Келли Дегнан. Америкæйы Иугонд Штатты минæварады номæй мæ фæнды, зæрдиагæй раарфæ кæнын гуырдзиаг адæмæн Хæдбардзинады бон!
Гуырдзыстон æмæ АИШ-æ сæрибары æмæ æмсæрады арф уарзтæй хицæн кæнынц. 1918 азы Хæдбардзинады фæдыл акты бавдыст ацы дыууæ фундаменталон аргъдзинадыл гуырдзиаг адæм лæмбынæг ауды. Ацы акт æмбæрцæй ифтонг кæны политикон бартæ Гуырдзыстоны кæцыфæнды цæрæгн, æнæкæсгæ сæ нацимæ, динмæ, социалон статус кæнæ æрдмæ. Ацы принциптæ дзæбæх зонгæ сты алы америкагæн. Гуырдзиæгтæ æмæ æамерикæгтæ дæр бирæ тох кодтой æмæ сæхи уæлдай кодтой сæрибары, хæдбардзинады æмæ æмсæрады тыххæй тохы.
Нæ бæстæты æхсæн ис фидар, бонджын æмæ æнæфæудгæ хæларад. Уымæн æмæ уый æнцойæвæрд у нæ иумæйаг, уарзон хæзнатыл – сæрибардзинады, демократийыл, толернатдзинадыл æмæ нæфæллайгæ куыстыл.
Партнертæм куыд æмбæлы афтæ, нырид зæгъæн ис 30 аз у, иумæ бæрæгбон кæнæм Гуырдзыстоны размæцыд йæ демокративон фæндагыл. Куыд Гуырдзыстоны хъæддых хæлæрттæ афтæ, абон сымахимæ иумæ бæрæгбон кæнæм Гуырдзыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад. Стыр бузныг æмæ уын арфæ кæнын Хæдбардзинады бон» – хъусын кæны Гуырдзыстоны, АИШ-ы минæвар Келли Дегнан.