Келли Дегнан - Куыд Гуырдзыстоны хъæддых хæлæрттæ  афтæ, абон  сымахимæ иумæ  бæрæгбон кæнæм  Гуырдзыстоны  сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад
Келли Дегнан - Куыд Гуырдзыстоны хъæддых хæлæрттæ афтæ, абон сымахимæ иумæ бæрæгбон кæнæм Гуырдзыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад

Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады  номæй, минæвар Келли Дегнан  зæрдиаг  арфæ  кæны  Гуырдзыстоны  цæрджытæ хæдбардзинады  102-æм  азы сæр.

Келли Дегнаны  видео-арфæ, Гуырдзыстоны  АИШ-ы минæварады «Фейсбук-фарсыл»   у  публикацигонд.

«Салам, æз дæн  Келли Дегнан. Америкæйы Иугонд Штатты  минæварады  номæй   мæ  фæнды,  зæрдиагæй  раарфæ  кæнын гуырдзиаг адæмæн Хæдбардзинады  бон!

Гуырдзыстон æмæ   АИШ-æ  сæрибары æмæ  æмсæрады  арф  уарзтæй  хицæн кæнынц.  1918  азы  Хæдбардзинады фæдыл акты бавдыст  ацы  дыууæ  фундаменталон   аргъдзинадыл  гуырдзиаг адæм  лæмбынæг ауды. Ацы  акт æмбæрцæй  ифтонг кæны политикон  бартæ  Гуырдзыстоны  кæцыфæнды  цæрæгн,   æнæкæсгæ  сæ нацимæ,  динмæ, социалон  статус кæнæ   æрдмæ.  Ацы принциптæ  дзæбæх зонгæ  сты  алы  америкагæн.  Гуырдзиæгтæ æмæ æамерикæгтæ  дæр бирæ тох кодтой  æмæ сæхи уæлдай  кодтой   сæрибары, хæдбардзинады æмæ  æмсæрады тыххæй тохы.

Нæ бæстæты  æхсæн  ис фидар, бонджын  æмæ æнæфæудгæ   хæларад. Уымæн æмæ   уый æнцойæвæрд у  нæ  иумæйаг,  уарзон   хæзнатыл –  сæрибардзинады,  демократийыл, толернатдзинадыл æмæ  нæфæллайгæ  куыстыл.

Партнертæм  куыд  æмбæлы  афтæ, нырид зæгъæн ис 30  аз у,  иумæ  бæрæгбон кæнæм Гуырдзыстоны  размæцыд  йæ  демокративон   фæндагыл.  Куыд Гуырдзыстоны хъæддых хæлæрттæ  афтæ, абон  сымахимæ иумæ  бæрæгбон кæнæм  Гуырдзыстоны  сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад. Стыр бузныг  æмæ  уын арфæ  кæнын  Хæдбардзинады  бон» – хъусын кæны Гуырдзыстоны, АИШ-ы минæвар Келли Дегнан.