Келли Дегнан «Халхис Дзалайы» закъонопроектыл – мæ хъуыдымæ гæсгæ, Гуырдзыстоны ацы закъон ницæмæн хъæуы
Æрвылбойнонæй фæзыны ног аххос цæмæй цæмæн хъæуы ацы закъоны æрбайст. Фыццаг уыдис æргомдзинад, фæсарæйнаг æххуыс æнæуый дæр æргом куы у уæд. Ацы закъонæн йæ нысан бынтон хъауджы у Иугонд Штатты закъонæй, – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнан змæлд «Халхис Дзалайы» иницииргонд закъонопроекты тыххæй загъта.
Келли дегнаны аргълæвæрдæй, Гуырдзыстоны ацы закъон æппын ницæмæн хъæуы.
«Ацы закъонæн йæ нысан у, фæкъулымпы кæнын уыцы гуырдзиæгты, кæцытæн æндæр бæстæтæй æххуыс кæнынц, гуырдзиæгтæн, кæцытæ архайынц, сæ цæрджытæн уæвæг проблемæты алыг кæнын æмæ сервистæ бадауын, уыдзæн уый климаты ивдимæ баст, бизнесассоциацитæн, æви фæсивæдæн кæнæ амалхъомдзинад цух уæнгтæн. Юридикон æххуыс уыдонæн, кæмæндæр иуæй-иу цауты, æнæмæнгæхъæугæ у. Афтæмæй ацы закъонтæ, бæргæ куыд у, кæрæдзиуыл бадгæ сты Уæрæсейы закъонимæ,кæцыйæн йæ нысан у æмбæстагонд дзыллæйы стигматизаци скæнн. Уымæн йæ нысан у хъауджы хъуыды бамынæг кæнын æмæ куы кæсут ныр Уæрæсейы цы цæуы, уынут, цæмæй Уæрæсейы закъонæддытнад тынг эффективон уыд æмбæстагон дзыллæ æмæ хъауджы хъуыдыйы ныссæндыны æрдгæй. Гуырдзыстон тох кодта йæ демократи саразынæн, йæ сæрибардзинæдтæ бахъахъъæнынæн. Ацы закъонтæ йæ бын къахынц уыцы прогрессæн, кæцыйы саразынæн Гуырдзыстонæн ай йас рæстæг бахъуыд. Уый тыххæй хъуымы æмхъæлæсон сагъæс ИНО-йæ, Евроцæдисæй, АИШ-æй Гуырдзыстоны рагон хæларæй, кæцытæ кусынц Гуырдзыстонимæ 30 азæй фылдæр рæстæджы, Гуырдзыстоны сæрибардзинадтæ фæхуыздæр кæнынæн, Гуырдзыстоны сæрибардзинæдтæ бахъахъхъæнынæн æмæ институттæ стынг кæнынæн. Уый тыххæй адæм тынг сагъæс кæнынц . Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Гуырдзыстоны ацы закъон нæ хъæуы æмæ фарстыл – цæмæн исут ацы закъон, мæ хъуыдымæ гæсгæ, дзуапп æнæмæнгæй раттын хъæуы»,- загъта Келли Дегнан.