Келли Дегнан «Халхис Дзалайы»  закъонопроектыл – мæ хъуыдымæ гæсгæ, Гуырдзыстоны ацы  закъон ницæмæн хъæуы
Келли Дегнан «Халхис Дзалайы» закъонопроектыл – мæ хъуыдымæ гæсгæ, Гуырдзыстоны ацы закъон ницæмæн хъæуы

Æрвылбойнонæй  фæзыны  ног аххос цæмæй цæмæн хъæуы  ацы закъоны  æрбайст.  Фыццаг  уыдис æргомдзинад, фæсарæйнаг æххуыс æнæуый  дæр  æргом куы  у уæд.  Ацы закъонæн йæ нысан  бынтон хъауджы у  Иугонд Штатты   закъонæй, – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар  Келли Дегнан   змæлд  «Халхис Дзалайы»  иницииргонд  закъонопроекты тыххæй загъта.

Келли дегнаны  аргълæвæрдæй, Гуырдзыстоны ацы закъон æппын ницæмæн хъæуы.

«Ацы  закъонæн йæ нысан у,   фæкъулымпы кæнын  уыцы гуырдзиæгты, кæцытæн æндæр бæстæтæй  æххуыс кæнынц, гуырдзиæгтæн, кæцытæ  архайынц, сæ цæрджытæн  уæвæг  проблемæты алыг кæнын  æмæ сервистæ  бадауын,  уыдзæн уый  климаты ивдимæ баст,  бизнесассоциацитæн, æви фæсивæдæн  кæнæ амалхъомдзинад цух    уæнгтæн.  Юридикон  æххуыс  уыдонæн,  кæмæндæр иуæй-иу цауты, æнæмæнгæхъæугæ у. Афтæмæй  ацы закъонтæ, бæргæ куыд у, кæрæдзиуыл бадгæ сты Уæрæсейы закъонимæ,кæцыйæн йæ нысан у  æмбæстагонд дзыллæйы стигматизаци скæнн.  Уымæн  йæ  нысан у хъауджы  хъуыды   бамынæг кæнын æмæ  куы кæсут ныр Уæрæсейы  цы  цæуы,   уынут, цæмæй  Уæрæсейы  закъонæддытнад  тынг эффективон уыд  æмбæстагон  дзыллæ æмæ  хъауджы хъуыдыйы  ныссæндыны æрдгæй. Гуырдзыстон  тох кодта йæ демократи  саразынæн, йæ сæрибардзинæдтæ  бахъахъъæнынæн.  Ацы  закъонтæ  йæ бын къахынц   уыцы прогрессæн, кæцыйы  саразынæн  Гуырдзыстонæн  ай йас  рæстæг бахъуыд. Уый тыххæй хъуымы æмхъæлæсон   сагъæс ИНО-йæ, Евроцæдисæй, АИШ-æй Гуырдзыстоны  рагон хæларæй,  кæцытæ  кусынц Гуырдзыстонимæ 30 азæй  фылдæр рæстæджы, Гуырдзыстоны  сæрибардзинадтæ фæхуыздæр кæнынæн, Гуырдзыстоны сæрибардзинæдтæ бахъахъхъæнынæн  æмæ институттæ  стынг кæнынæн.  Уый  тыххæй  адæм  тынг  сагъæс кæнынц .  Мæ  хъуыдымæ гæсгæ, Гуырдзыстоны ацы закъон нæ хъæуы  æмæ  фарстыл – цæмæн исут ацы закъон,  мæ хъуыдымæ гæсгæ,  дзуапп æнæмæнгæй раттын хъæуы»,-  загъта Келли Дегнан.