Катерина Матернова - Гуырдзыстонæн кандидаты статус лæвæрд нæ уыдзæн, кæд æмæ 12 рекомендаци нæ сыххæст кæндзæн, уый тыххæй парламентон партитæ иумæ хъуамæ бакусæт
Нæу мæ бон зæгъын ацы этапыл уыдзæн лæвæрд æви нæ Гуырдзыстонмæ кандидаты статус, фæлæ зæгъдзынæн, цæмæй уый не рцæудзæн 12 къадзæф æнæсыххæстæй, уый тыххæй партитæ парламенты хъуамæ бакусой иумæ, – уый фæдыл Еврокомиссийы сыхагон æмæ ауæрæхы фæдыл бадзырдты генералон директор Катерина Матернова политикон партиты минæвæрттимæ фембæлды фæстæ журналисттæн загъта.
«Иу фарста, кæцыйыл фæныхас кодтон политикон партиты минæвæрттимæ, афтæма фæсарæн хуъыддæгты министримæ, у уый, цæмæй æнæмæнгхъæугæ у æнæрмæст техникон къахдзæфтæ саразын, цæмæй бæстæ суа Евроцæдисы хай, фæлæ ма хъуыддаг æххæссы политикон культурæмæ, компромисстæм æрцæуыны æмæ ацы цауы 12 пункты сыххæст кæнынæн юаиу кæныны хъомадмæ. Нæу мæ бон зæгъын ацы этапыл уыдзæн лæвæрд æви нæ Гуырдзыстонмæ кандидаты статус, фæлæ зæгъдзынæн, цæмæй уый не рцæудзæн 12 къадзæф æнæсыххæстæй, уый тыххæй партитæ парламенты хъуамæ бакусой иумæ»- загхта Катерина Матернова.
Уыимæ ма, фарстыл, зæгъгæ рекомендацитæ гæсгæ кæд уыны исты прогресс, Еврокомиссийы сыхагон æмæ ауæрæхы фæдыл бадзырдты генералон директор банысан кодта, цæмæй «Картули Оцнебайы» уæнгтæй фехуыста, цæмæй инклюзивон процессы фæлгæтты, цæттæ сты бакусой рекомендацитæ сыххæстыл.