Венгрийы Европаг хъуыддæгты министры хæдивæг хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны æмæУкраинайы фарста кæрæдзийæ хæдбар сты æмæ Гуырдызстоны кандидаты статус хъуамæ райса
Венгрийы Европаг хъуыддæгты министры хæдивæг хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны æмæУкраинайы фарста кæрæдзийæ хæдбар сты æмæ Гуырдызстоны кандидаты статус хъуамæ райса

Венгрийы  европаг  хъуыддæгты министры хæдивæгы, Барна Жигмонды фидыуæнæй,  зæгъгæ Венгри Гуырдзыстоны евроинтеграцийы  фарсхæцæг у æмæ разы у  Гуырдзыстонмæ лæвæрд уа  Евроцæдисмæ кандидаты статус.

Уый фæдыл  Барна Жигмонд парти «Картули Оцнебайы» сæрдар Иракъли Къобахидзеимæ фембæлды фæстæ  райхъусын кодта.

«Мах кæддæриддæр  йæ  фарс  хæцæм Гуырдзыстонæн æмæ фидæны дæр  афтæ уыдзæн.  Уырны нæ, цæмæй  уый уыдзæн   уынаффæ, кæцы фæстагмæ   фæзындзæнис  Гуырдызстонæн Евроцæдисы кандидаты статус раттыныл.  Нымайæм  цæмæй  ауæрæхы процесс ма хъуамæ уа политикон   уынаффæ, кæд  нæ  зæрдыл бадардзыстæм, цæмæй Гуырдзыстон æххæст кæны  домæнтæ æмæ  уырнæг стæм, ай уыдзæн уынаффæ, кæцы кандидаты статусы онг фæхæццæ кæндзæн», – райъхусын кодта Венгрийы  Европаг хъуыддæгты министры хæдивæг.

Уыимæ йæ  ныхасмæ гæсгæ Украинайы фарста хæдбар процесс у.

«Гуырдзыстоны цæвиттоны цауы, уынæм цæмæй уый  æнæмæнг хъæугæ у.  Украинайы  цауы, уынæм, цæмæй нæ  хъæуы  ног стратеги, уымæн æмæ ацы бæстæйы цæуы хæст æмæ  нæу нæ бон, бакусæм системæ, кæцы æххæстæй æмбæлон уыдзæн Европаг  барадон системæимæ» – райхъусын кодта Барна Жигмонд.

Барна Жигмонд Венгрийы хицаугæнæг партийы «Фидесы» иуæй-иу  идер у æмæ Гуырдзыстоны делегацийы, Будапешты  уагъд фембæлдтыл уыд.