Павел Герчински – Гуырдзыстонæн кандидаты статус раттыны фæдыл рекомендаци историон у, уæнт уæм  Евроцæдисы фарсмæлæуды ныфс уæ фундаментон бартæ бахъахъхъæнынæн
Павел Герчински – Гуырдзыстонæн кандидаты статус раттыны фæдыл рекомендаци историон у, уæнт уæм Евроцæдисы фарсмæлæуды ныфс уæ фундаментон бартæ бахъахъхъæнынæн

Гуырдзыстонæн кандидаты статус алæвæрды  фæдыл рекомендаци  историон у, уымæ ма  æфты адæймаджы барты хъахъхъæды фæхуыздæры бæрн. Уæ  бон у Евроцæдисы фарсмæлæуды ныфс уæм уа уæ фундаментон бартæ бахъахъхъæнынæн, – уый æдыл  Гуырдзыстоны  Евроцæдисы  минæвар  Павел Герчински  адæймаджы барты хъахъхъæды бонмæ гæсгæ  видеосидты  хъусын кæны.

«Абон адæймаджы барты хъахъхъæды æппæтадæмон  декларацийы райсты 75-æм  азы сæрн банысан кæнæм. ацы  иттæг нысаниуæгджын документ нымадмæ исы  уый, цæмæй  адæймаджы бартæ сты мах алкæй  сæрмгонд. 1948  азы  адæймаджы барты  æппæтадæмон  деклараци райсты  фæстæ  Дуне тынг фæивдта. Æппæт Дунейы  цалдæр мæгуырау  тенденцийы  тыххæй,  хъуамæ баиу уæм æмæ хъæддых бахъахъхъæнæм  ацы  барты универсалондзинад. Уый иумæйаг рард у  æмæ фылдæр æмбарджын  æмæ инклюзвон  фидæнмæ здæт æнæаскъуыгæ  процесс у.  Адæймаджы барты хъахъхъæдад Евроцæдисы  бындур у. Ацы цæстæнгасы реалондзнадæй скæнын Евроцæдисы  ауæрæхы процессы  хай у  æмæ Гуырдзыстоны  Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæндагыл   саразинаг  фараст къахдзæфæй сæ иу у.

Гуырдзыстонæн кандидаты  статус раттыны рекомендаци  историон у. Уымæ ма æфты  адæймаджы барты хъахъхъæды (кæцыйы фæдыл абон бæргæбон кæнæм) фæхуыздæры бæрн. Уæ бон у, Евроцæдисы фарсмæлæуды ныфс уæм уа,  уæ фундаментон  барты бахъахъхъæнынæн. Арфæ уын кæнын адæймаджы барты  хъахъхъæды  бон! Стыр бузныг», –  хъусын кæны  минæвар.