Евроцæдис Гуырдзыстонæн кандидаты статус алæвæрды фæдыл 14-15 декабры фæуынаффæ кæндзæн
Евроцæдис Гуырдзыстонæн кандидаты статус алæвæрды фæдыл 14-15 декабры фæуынаффæ кæндзæн

Европаг  совет  Брюсселы абон æмæ сом  æрымбырд уыдзæн æмæ фæуынаффæ кæндзæн  ауæрæхы пакетыл, кæцы æххæссы  10  бæстæмæ. Ауæрæхы пакет æххæссы Гуырдзыстонæн Евроцæдисы уæнгы  бæстæтæм кандидаты статус алæвæрдмæ, Украина æмæ Молдовæимæ  уæнгдзинады  фæдыл бадзырдтæ райдаынмæ, афтæдæр Ныгуылæн Балканты бæстæтæм.

Уынаффæ Евроцæдисы уæнг 27  бæстæйы  лидертæ консенссусы  бындурыл хъуамæ  рахæссой. Европаг  Совет  кæронбæттæн уынаффæ дыууæбонон саммиты цыды рæстæджы райхъусын кæндзæн.

Евроцæдисы саммиты онг 12 декабры Евроцæдисы  уæнг бæстæты фæсарæн хъуыддæгты министрты советы ауæрæхы фæдыл  хатдзæджы банысангонд у, цæмæй «Совет хыгъдмæ исы  Еврокомиссийы 8 ноябры хыгъдлæвæрд Гуырдзыстоны фæдыл, дæтты йын рекомендаци æмæ нæбыхсгæйæ  æнхъæлмæ кæсы  уынаффæмæ  алы фарстайы фæдыл».

Иурæстæгонæй, знон европарламент сбæлвырд кодта резолюци, кæцы Евроцæдисы Советмæ сиды, Гуырдзыстонæн ратта  кандидаты статус.

Еврокомисси Гуырдзыстонæн Евроцæдисы кандидат бæстæйы статусы раттыныл æвæрццаг рекомендацийæ Европаг Советмæ 8 ноябры баздæхт.

Бæрæгдзырдæн, «Картули Оцнебайы» сæрдар Иракълэ Къобахидзе 2022 азы марты  райхуъсын кодта, цæмæй  Гуырдзыстон басидтис Евроцæдисмæ  уæнгдзинады  фæдыл кандидаты статус райсты тыххæй. Фæнысангонд азы  3 марты та,  уæнгдзинады фæдыл Гуырдзыстоны официалон куырдиат Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  бафыста.