Канадæйы хъæды зынгсирвæзты аххосæй цæст хорз кæй не взары уый тыххæй Нью-Йоркы æмæ Филаделфийы аэропортты æргъæвд æрцыд тахтытæ [видео]
Нью Йоркы мэр, Эрик Адамс Канадæйы ахæлиугонд масштабон зынгсирвæзты тыххæй, цæрджытæм хæдзары ныллæууынмæ æрсидтис.
Йæ дзырдæй зæгъгæ, Нью-Йоркы уый у прецедент цæмæн нæй ахæм фæзынд æмæ цæрджытæ арæхстдзинад хъуамæ равдисой.
«Курæг стæм Нью-Йоркы цæрджытæй, баззайæт хæдзæрттыю алы æмбæстаг максималонæй хъуамæ арæн скæнæт æддæйæ кусын. Сыхгæнут рудзгуытæ, пайда кæнут уæлдæф сыгъдæггæнæнтæй, карджынтæ кæд ыстут кæнæ та уын ис улæфыны проблемæ, баззайут хæдзары. Æддæмæ рацæуыны цауы, æнæмæнгæй дарут хæрзгъæд маскæтæ» – æрсидтис цæрджытæ мэр.
Канадæйы хъæды зынгсирвæзты аххосæй цæст хорз кæй не взары уый тыххæй, Нью-Йорк æмæ Филадельфийы аэропортты æргъæвд æрцыд тахтытæ.
Урс Хæдзары райхъусын кодтой, цæмæй Канадæмæ хъæды сыгъды ныхмæ тох кæнынæн æрвитынц æххуысю Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, АИШ иудадзыг контактыл ис Канадæйы хицауадимæ æмæ нырид мобилизацигонд сты 600-йæ фылдæр америкаг зынгхуыссынгæнæг, афтæма хъæугæ ифтонггæрзтæ æмæ техникæ.