Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Каха Кучъава Евроцæдисы комиссары сыхагон политкæйы æмæ ауæрæхы фарстæты Оливер Вархейимæ фембæлдис.
Парламенты пресс-куысты информацие, фембæлдыл Гуырдзыстоны цæугæ процесстыл фæныхас кодтой, сæ нымæцы хъусдард здæхт уыдис æвзарæнон æмæ тæрхонон реформæтыл, æрбаввахсгонд æвзæрстыты æмæ æхсæнадæмон цæстдарджыты куыстыл.
Сæ информацийæ, бахахх ис Шарль Мишелы документы имплементацийы нысаниуæгыл.
Каха Кучъавайы фидиуæнæй, Гуырдзыстоны раз бирæ быцæусидт ис, фæлæ бæстæ уыдоны фæтых уынæн æмæ размæцыдмæ цæттæ у.
Еврокомиссар полтитикон процессты парламентмæ рахæссынæн æвæрццаг аргъ скодта æмæ ныфс разагъдта, цæмæй Шарль Мишелы документыл къух алы политикон парти бафысдзæнис.
Ныхас уыд 5-6 июлы Тбилисы айтынггонд фæзындтыл. Оливер Вархейы фидиуæнæй, уый аргъ кæны уымæн æмæ парламенты сæрдар Евроцæдисы тырыса йæ бынатмæ æрыздæхта. Афтæма, йæ ныхæстæм гæсгæ, пъæлицæй йæ куыст сыххæст кодта æмæ дзырды сæрибардзинады сæрыл хæцыд.
Фарсытæ экономикæйы æмæ инвестициты пакеты фæдыл фæныхас кодтой, кæцыйы æххæст кæнын Евроцæдис райдайы хурыскæсæн партнерады бæстæтæн. Гуырдзыстонæн рауæлдайгонд 3.9 миллиард евро ставддæр инфраструктурон проекттыл уыдзæн здæхт æмæ куыстбынæттæ сæвзæрын кæнын æмæ экономикон рæзынадæн ахъаззаг уыдзæн.
Каха Кучъава æмæ Оливер Вархей, пакеты сыххæсты парламенты нысаниуæгджын рол бахахх кодтой, уымæн æмæ сæ ныхæстæм гæсгæ, æнæмæнгхъæугæ уыдзæн ивддзинæдты сыххæст кæнын.