Оливер Вархей – Еврокомисси рекомендаци дæтты Европаг Советæн, лæвæрд æрцæуæд кандидаты статус Гуырдзыстонмæ уымæ гæсгæйæ, ома  фараст къахдзæф у нырид арызт
Оливер Вархей – Еврокомисси рекомендаци дæтты Европаг Советæн, лæвæрд æрцæуæд кандидаты статус Гуырдзыстонмæ уымæ гæсгæйæ, ома фараст къахдзæф у нырид арызт

Еврокомисси рекомендаци дæтты  Европаг Советæн,  Гуырдзыстонмæ  лæвæрд æрцæуæд  кандидат бæстæйы статус  уымæ гæсгæйæ. Ома фараст къахдзæф у  арызт, –  уый фæдыл  сыхагон æмæ ауæрæхы фарстаты  еврокомиссар  Оливер Вархей  фыссы социалон хызаджы.

«Абон хъæуы æндиуд  уынаффæтæ æмæ лидердзинад. Еврокомисси  рекомендаци  дæтты Европаг Советæн, райдайæт  уæнгсуæуыны фæдыл  бадзырдтæ Молдовæ æмæ Украинаимæ, райдайæт  уæнгсуæвыны фæдыл  бадзырдтæ  Босни-Герцоговинæимæ, куыддæр  уæнгдзинады æмбæлгæдзинады гъæдмæ баххæсдзæн афтæ, Гуырдзыстонмæ лæвæрд æрцæуæд  кандидат бæстæйы статус уымæ гæсгæйæ, ома фараст къахдзæф ис  арызт», – фыссы Оливер Вархей социалон хызаг «Х»-ы.

Еврокомисси рекомендацийæ баздæхт  Европаг Советмæ, Гуырдзыстонмæ Евроцæдисы кандидат бæстæйы статус раттыны фæдыл. Уый фæдыл  Еврокомиссийы президенты Урсула фон дер Ляйены  æмæ ауæрæхы фарстаты еврокомиссар Оливер Вархейы  иумæйаг брифингыл ссис бæрæг.