Каха Кучъава Оливер Вархейимæ фембæлдис
Каха Кучъава Оливер Вархейимæ фембæлдис

Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар Каха Кучъава  Евроцæдисы комиссары сыхагон  политкæйы æмæ  ауæрæхы  фарстæты Оливер Вархейимæ фембæлдис.

Парламенты пресс-куысты информацие, фембæлдыл  Гуырдзыстоны  цæугæ процесстыл фæныхас кодтой, сæ нымæцы хъусдард  здæхт уыдис  æвзарæнон æмæ  тæрхонон реформæтыл, æрбаввахсгонд  æвзæрстыты æмæ æхсæнадæмон  цæстдарджыты куыстыл.

Сæ информацийæ,  бахахх  ис  Шарль Мишелы документы имплементацийы нысаниуæгыл.

Каха Кучъавайы  фидиуæнæй,   Гуырдзыстоны раз  бирæ быцæусидт  ис,  фæлæ  бæстæ  уыдоны фæтых уынæн  æмæ  размæцыдмæ цæттæ у.

Еврокомиссар  полтитикон процессты парламентмæ рахæссынæн æвæрццаг аргъ скодта æмæ ныфс разагъдта,  цæмæй   Шарль Мишелы   документыл  къух алы  политикон  парти бафысдзæнис.

Ныхас уыд  5-6  июлы  Тбилисы  айтынггонд фæзындтыл. Оливер Вархейы  фидиуæнæй,   уый аргъ кæны   уымæн æмæ   парламенты сæрдар  Евроцæдисы тырыса йæ бынатмæ æрыздæхта.  Афтæма,  йæ ныхæстæм гæсгæ,   пъæлицæй    йæ куыст сыххæст кодта æмæ  дзырды  сæрибардзинады сæрыл хæцыд.

Фарсытæ  экономикæйы æмæ инвестициты пакеты фæдыл фæныхас кодтой, кæцыйы  æххæст кæнын Евроцæдис  райдайы хурыскæсæн  партнерады  бæстæтæн.  Гуырдзыстонæн рауæлдайгонд  3.9 миллиард  евро  ставддæр  инфраструктурон   проекттыл уыдзæн   здæхт  æмæ   куыстбынæттæ  сæвзæрын кæнын æмæ    экономикон рæзынадæн  ахъаззаг уыдзæн.

Каха Кучъава æмæ  Оливер Вархей,  пакеты  сыххæсты   парламенты  нысаниуæгджын   рол бахахх кодтой, уымæн æмæ  сæ  ныхæстæм гæсгæ,  æнæмæнгхъæугæ  уыдзæн  ивддзинæдты  сыххæст кæнын.