Каха Къаладзе – тæрхонгæнджытæн санкцитæ æвæрын шантажы хай у, цæмæй райсой контрол Гуырдзыстоныл æмæ дзы спайда кæной сæхи интерестæн
Каха Къаладзе – тæрхонгæнджытæн санкцитæ æвæрын шантажы хай у, цæмæй райсой контрол Гуырдзыстоныл æмæ дзы спайда кæной сæхи интерестæн

Гуырдзыстонмæ æнæраст ахаст цæуы. Æдзух шантаж, æфхæрд æмæ æлдариуæггæнæг хъæлæс абон дæр дарддæр кæнынц. Уый дæр уыцы шантажы хай у, – афтæ дзуапп радта сæйраг сахары мэр Стыр Британийы тæрхонгæнджытæ Леван Мурусидзе æмæ Михеил Чинчаладзейыл санкциты снысан кæныны фарстайыл.

Каха Къаладзе медиимæ ныхасы рæстæджы куыд банысан кодта афтæмæй, бритайнаг фарсы расидæн, цæмæй «ис серьозон дызæрдыгдзинад, цæмæй уыдон сты кæнæ уыдысты баст коррупциимæ» у мæнгдзинад æмæ уыцы шантажы хай, кæцыйæ Гуырдзыстоны ныхмæ фæстаг рæстæджы спайда кодтой.

«Æппæт уыдæттæ сты æрмæстдæр ныхæсты æмбырдгонд. Цавæр æмбæлон дызæрдыгдзинад?! Уый у мæнгдзинад. Ай у уыцы хаххы адарддæр, кæцыйы федтам фæстаг азты æмæ мæйты, цы цæуы махимæ. Зонут, куыд æнæраст ахаст цæуы Гуырдзыстонмæ. Абон дæр дарддæр кæнынц æппынæдзух шантаж, æфхæрд æмæ бардзырдгæнæг хъæлæс. Шантажы иуæй-иу элемент у, цæмæй иуæй-иу бæстæйы бæрзонд рангы санкцитæ æвæрд æрцæуой æмæ сæ куыд фæнды, цæмæй бæстæйы ахсой сæ интересты фæдыл цæуын. Уый ныхмæ тох кæнæм, æмæ уый тыххæй нæ бирæ фæразын бахъуыд. Тынг вазыгджын уыд, æнцон процесс нæ уыд, фæлæ куы æрцæуы ныхас райгуырæн бæстæйыл, цæрджытыл, æмæ нæ бæстæйы интерестыл, кæй зæгъын æй хъæуы, кæддæриддæр лæудзыстæм, кæм нæ хъæуы нæ бæстæ. Уый иууылдæр бындуриуæг кæны мæнгдзинадыл, мæнгдзинадыл. Æцæгдзинад бындуронæй хицæн кæны сæ ныхæстæй. «Хъыгаг у, фæлæ æнхъæлмæ кæсæм, цæмæй алцыппæт бындуронæй фæивдзæн» – райхъусын кодта Каха Къаладзе.