Каха Каладзе мэриайы  уагдæттæн бахæс кодта, алы уыцы куысты ногæй басгарын, кæцыты экспертизæ сарызта  «Мшенэксперт»
Каха Каладзе мэриайы уагдæттæн бахæс кодта, алы уыцы куысты ногæй басгарын, кæцыты экспертизæ сарызта «Мшенэксперт»

Каха Каладзе мэрийы  дæлбар алы уагдонæн  бахæс кодта,  цæмæй горæты  масштабæй  инспектирдзинад  сыххæст уа  алы  уыцы  куысты, кæцыйы  экспертизæ сарызта «Мшенэксперт», – уый фдыл  сæйраг горæты мэр, хицауады  рабадтыл   райхъусын кодта.

Каладзейы дзырдæй,   зæгъгæ  хъуамæ  сбæрæг уа  алы  куыст, кæцыйы экспертизæ  уыцы  экспертон   бюро сыххæст кодта, кæцыимæ  фæдагуырд дауу кæны  мæнг  хатдзæгты  алæвæрды тыххæй.

«Уый у  экспертон  бюро, кæцыимæ фæдагуырд дауу кæны  мæнг  хатдзæгты  алæвæрды тыххæй. Хъыгагæн, рæстæг  фæстæмæ  æрыздахын нæ бон   нæу æмæ абон, иунæг, кæцылдæр мах алкæмæн нæ бон у  алцыппæт саразын,  цæмæй  макуыуал  æрцæуа  ахæм трагеди», –  райхъусын кодта Каладзе.

13  октябры, Вакейы паркъы  хъазæг сывæллаттæн сæ пурти ныххауд  фонтанмæ. Куы йæ истой  уырдгæй, æртæ æнахъомы ныццавдта ток. Æртæдæр  зианбавзарæг  сывæллон  клиникæтæм фæхæццæ кодтой. Иуæй-иу  æнахъом, 13  аздзыд чызг, клиникæйы  æрбамард, иннæ дыууæ   сывæллоны та, клиникæтæй  цалдæр боны размæ рафыстой.