Каха Каладзе хъусын кæны, цæмæй  Гуырдзыстоны уæвæг Украинайы  æмбæстæгты хъæбулты, Тбилисы паддзахадон рæвдауæндæтты æнæфидгæйæ  райсдзысты
Каха Каладзе хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны уæвæг Украинайы æмбæстæгты хъæбулты, Тбилисы паддзахадон рæвдауæндæтты æнæфидгæйæ райсдзысты

Сæйраг горæты мэр, Каха Каладзейы  фидиуæнæй,  Гуырдзыстоны уæвæг  Украинайы   æмбæстæгты  сывæллæтты  Тбилисы  æхсæнадон  рæвдауæндæттæм æнæфидгæйæ  райсдзысты.

Каха Каладзе  сæйраг горæты хицауады рабадтыл куыд  банысан кодта афтæмæй,   баххуыс кæндзæн   украинаг  бинонтæн, цалынмæ  сын æххуыс уыдзæн æнæмæнгхъæугæ  æмæ цалынмæ Украинайы  сабырдзинад  не  æрфидар уыдзæн уæдмæ.

«Абон мæ  фæнды,  ногдзинады  тыххæй  фехъусын кæнын, Тбилисы сакребулоимæ иумæ  рахастам уынаффæ, цæмæй  ам баззайгæ  украинаг бинонты   сывæллæтты уыдзæн фадат  рæвдауæндæттæм раттын, цыфæнды  фидинагæй  цух.  Илиа Элошвилийæн мæ фæнды бахс кæнын цæмæй  координаци скæнæт  ацы процессæн, цæмæй  уынаффæ   сыххæст уа, уæд уын ацы  бинонтимæ  комкоммæ  коммуникаци,  бацамонæм сын алцыппæт.  Мæ  хъуыдымæ гæсгæ, уый у тынг дзæбæх  æмæ   ынсаниуæгджын. Мах сæ къух араздзыстæм ацы бинонтæн, цалынмæ  сын æххуыс уыдзæн æнæмæнгхъæугæ  æмæ цалынмæ Украинайы  сабырдзинад  не  æрфидар уыдзæн уæдмæ» – райхъусын кодта Каха Каладзе.