Каха Каладзе- Евроцæдисы минæвары зæрдæйы ахастыл, йæ  зæрдæмæ цы  цæуы æмæ цы та нæц,  стыр затыр, фæлæ  гуырдзиаг адæм ма хъуамæ цæуа
Каха Каладзе- Евроцæдисы минæвары зæрдæйы ахастыл, йæ зæрдæмæ цы цæуы æмæ цы та нæц, стыр затыр, фæлæ гуырдзиаг адæм ма хъуамæ цæуа

Æвзарæнон баннертыл  æвдыст у  реалондзинад – мах нæ  хъæуы  хæст æмæ  дыккаг  фронт, – уый фæдыл Тбилисы мэр Каха Каладзе   парти «Картули Оцнеба- Демократиули  Сакартвелойы»  æвзарæнон  видеойы  телеуынынпадон эфиры   ауадзыны  фæдыл Евроцæдисы минæвар, Павел Герчинскийы   фидиуæнæн  аргълæврды рæстæджы райхъусын кодта.

«Миййаг æнхъæлут, цæмæй  уыцы конкретон телеуынынадтæ рахастой  ацы  уынаффæ? Бахæс сын кодтой загътой  сын нæ?!  Герчинскийы  фæрцы  айзæлын кодтой ацы  ахаст, цæмæй куыд  æвзæр сты ацы баннертæ.  Цы ис  уыцы баннертыл?  Реалондзинад куы  у æвдыст, атф æнæу?!  Кæй  зæгъын æй хъæуы.  тынг æвзæр  æмæ уæззау у, Украинæйы  цы  цæуы, – уыцы  фæстиуджытæ, кæцыты  æрхаста  ацы хæст. Уый  дзурæм мах,  хæст æмæ  дыккаг фронт нæ  куы нæ  фæнды, цæмæ дæр нæм  куы  сидтысты уæд.  Адæмæн  ноджы иу  хатт  бхъуамæ бакой кæнæм,  цы ис  иу  фарс æмæ цы  та  иннæ рдгæй, цæмæй æвзæрст саразын æнцондæр уа», – райхъусын кодта Каха Каладзе.

Афтæма йæ аргълæвæрдæй, зæгъгæ  цалдæр телеуынынад  хицаугæнæг партийы  æвзарæнон видео ауадззыныл куы не сразы ис, уымæн зæгъæ хъæуы  барадон æмæ аргументиргонд  бындур.

«Æвзарæнон кампанийы рæстæджы  конкретон  видео куы  нæ уадзы телеуынынад, уымæн хъæуы  бынрдур. Хъæуы  йын  конкретон аргументтæ,  евроцæдисы минæвары ралæуды  бæсты,  цымæ  цæвиитон  тынг æвзæр у,  мæ зæрдæмæ дам нæ цæуы.  Уый раст ахаст у?  кæй зæгъын æй хъæуы,  уый æгъгъæд нæу», – райхъусын кодта Тбилисы мэр.

Фарстыл зæгъгæ, йæ  зæрдæмæ  цæуы æви нæ  гуырдзиаг  æвзæрстгæнæгæн  хыицаугæнæг балы  æвзарæнон  банертæ, Тбилисы мэр дзуапп кæны, цæмæй  цæрджыты нæ фæнды  уыцы  фæстиуджытæ фенын, кæцыты хæст æрхаста Украинайæн.

«Хæст æнамонддзинад  куы  æрхæссы  уый дзæбæх  куы зонæм?!  Нæ нæ  хъæуы уый æппæт.  Сабырдзинад нæ хъæуы, райрæзт,  размæцыд, европаг фидæн, Евроцæдис  нæ хъæуы.   Уый у нæ ахаст, фæлæ  афтæ нæ, цæмæй нæ  исчи нæ  зонгуытыл  слæууын кæна, цагъайрагау нæм  кæса,  ракъуыр-бакъуыр нæ кæна  æмæ  Евроцæдисы минæвары  зондыл   цæуæм,  цæмæй  цы фæцæудзæн йæ зæрдæмæ  æмæ цы та  нæй.  Ахæм ахаст раст нæу», – загъта сæйраг горæты  мэр.