Каха Къаладзе – Алчидæр, кæцы бæстæйы ныхмæ гадзрахатæй цæуæг митæ сарæзта, хъуамæ дзуапп дæтта, уый уыд нæ æвзæрстыты агъоммæ ныфсæвæрд
Каха Къаладзе – Алчидæр, кæцы бæстæйы ныхмæ гадзрахатæй цæуæг митæ сарæзта, хъуамæ дзуапп дæтта, уый уыд нæ æвзæрстыты агъоммæ ныфсæвæрд

«Алы адæймаг, кæцы бæстæйы ныхмæ гадзрахатæй цæуæг митæ сарæзта, дзуапп хъуамæ ратта» -расидтис сæйраг сахары мэр Каха Къаладзе.

Каладзейы фарстой хицаугæнæг къорды æскъуыддзагы фæдыл, кæцымæ гæсгæ «парламенты арæзт æрцæудзæн рæстæгмæ фæдæвзарæн къамис, кæцы 2003-2012 азты режимы æмæ йæ политикон бæрнонты архайдтытæ сбæрæг кæндзæн».

Къаладзейы расидæнмæ гæсгæ, «Гуырдзиаг бæллиццы» æвзарæнон ныфсæвæрд уыд, цæмæй бæстæйы ныхмæ гадзрахатæй цæуæг митæ чи аразы, уыдон æмбæлонæй дзуапп дæттой.

«Уый уыд нæ æвзарæн ныфсæвæрд, цæмæй бæстæйы ныхмæ гадзрахатæй цæуæг митæ чи сарæзта, уыдонæй алчидæр хъуамæ дзуапп дæтта». Бæстæйы хъуамæ ма уа ахæм политикон партитæ, кæцытæ лæггад кæнынц æндæр бæстæйы интерестæн. Хъыгагæн, нæм ис бæрæг политиктæ æмæ политикон парти, кæцытæ сарæзтой гадзрахатæй цæуæг митæ. Нæ зонын, кæй бардзырдмæ гæсгæ ацы хъуыддаг арæзт æрцыд, кæй интерестæн лæггад кодта, фæлæ факттæ уым сты – фесæфтам территоритæ, фесæфтам сабыр цæрджыты, хъайтар æфсæддонты, райстам лигъдæтты. «Алцыппæт уый домы æмбæлон реагирдзинад» – расидтис Каха Къаладзе.