Кая Калас – Мах бавдыстам санкцитæ уыцы адæймæгтæн, кæцытæ тыхмидзинадæй пайда кæнынц сабырадон протестгæнджыты ныхмæ Ацы этапыл, нæ бон нæ баци дыууæ бæстæйы бауырнын кæнын, фæлæ дарддæр кæндзыстæм архайын
“Мах бавдыстам санкцитæ сабырадон протестгæнджыты ныхмæ тыхмидзинадæй чи пайда кæны, уыдоны ныхмæ. Ацы этапыл нæ бон нæ баци дыууæ европæйаг бæстæйы бауырнын кæнын, фæлæ дарддæр кæндзыстæм архайын”, – загъта журналисттæн Брюсселы Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты æмæ æдасдзинады политикæйы уæлдæр минæвар Кая Каллас Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министрты фембæлды агъоммæ.
Къаласы ныхæстæм гæсгæ, сагъæссаг у, Гуырдзыстоны мадзæлттæ куыд рæзынц, уый.
«О, мах æруынаффæ кæндзыстæм Гуырдзыстоны фарстайыл дæр». Мадзæлтты рæзт тынг тыхсын кæны. Уæдæ æруынаффæ кæнæм, цы ма нæ бон у саразын. Сабырадон протестгæнджыты ныхмæ тыхмидзинадæй чи пайда кæны, уыдоны ныхмæ баххæст кодтам санкцитæ. «Ацы этапыл нæ бон нæ баци дыууæ европæйаг бæстæйы бауырнын кæнын, цæмæй ацы хъуыддагыл сразы уой, фæлæ дарддæр кæндзыстæм архайын», – райхъусын кодта Кая Калас.