Кæлæхы æмæ зæйы тасы тыххæй, МХМ æмбæстæгтæм сиды, бакоммæ кæсæт полицийы амындтæм æмæ бахъахъхъæнæт змæлды æгъдæуттæ
Митуарды, кæлæхы æмæ зæйы тасы тыххæй, иуæй-иу регионты фæндæгтыл арæнæвæрдтæ æрцыд хаст. ИНформацийы хæлиу кæны Гуырдызстоны мидхъуыддæгты министрад.
«МХМ-ы патрулон полицйы департаменты уын хъусын кæны, цæмæй æмбæстæгты æдас бынативды, интенсивон митуарды, кæлæхы æмæ зæйы тасы тыххæй, иуæй-иу регионы автомобилон фæндæгтыл бæрæг арæнæвæрдтæ æрбайстам.
Тбилиси-СЕнаки-Леселидзейы фæндаджы 45-æй 65-æм километры онг фадыг (Игоеты хъæуы цур) боныхъæды фæфыддæры тыххæй ф æндаг салд у æмæ автомобильты змæлд регулир кæнынц патрулон полицйы экипеажтæ. Æмбæлон куыстытæ интеситвонæй архайынц фæндаджы æмбæрзæныл техникон цæхх ныккалын æмæ их хафæг мадзæлттæ уадзынц. Патрулон полицийы кусджытæ шофыртæн бынатыл фæндагыл змæлды уæвæг уавæры фæдыл хъусын кæнынц. Патрулон полицийы рекомендацийæ, фæнысангонд фадыгыл змæлд рекомендацигонд у зымæгон цæлхытæй æмæ тынг сындæггай» – дзырдæуы МХМ-ы информацийы.
Афтæма уагдоны хъусинагæй, цыфæнды хуызы автотранспорты змæлд тобæгонд у Гудаури (Поста) –Къобийы фадыгыл æмæ Вазиани-Гомбори-ТЕлавийы автомобилон фæндагыл; Тбилисыл фæзилæн фæндагыл та тобæгонд у змæлд æрмæст уæзласæн автомобильтæн.
Боныхъæды фæфыддæры, митуарды æмæ кæлæхы тыххæй централон автомагистралы Игоеты фадыгыл, æртæ æндæр æмæ æндæр раны, фæндагон-транспортон цаутæ æрцыд. Кæрæдзийыл сæмбæлд 20-æй фылæдр автомобил. Фæнысангонд фадыгыл змæлд куылымыпыгонд у.